Радиойы бон, хӕсты тыххӕй, ног чиныг, Донбассӕн ӕххуыс ӕмӕ аивадон ӕнтыст I Йӕ рӕстӕгыл

7-ӕм майы радиойы кусджытӕ фӕбӕрӕг кӕнынц сӕ профессионалон бон. Йӕ рӕстӕгыл ӕй мах дӕр ӕрхъуыды кодтам. Студимӕ нӕм ӕрбацыд, йӕ хъӕлӕс адӕймагимӕ ӕмдзу кӕмӕн кӕны, уыцы адӕймаг. Афтӕ ма ӕрбахуыдтам, ныр бирӕ азты дӕргъы йӕ фыды ӕфсымӕры чи агуры, ахӕм адӕймаджы. Нӕлгоймагмӕ фӕсидтысты Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕстмӕ, фӕлӕ фӕцыд "ацу ӕмӕ мауал ӕрцу"-йы фӕндагыл. Йӕ къабӕзтӕ йӕ абон дӕр ма агурынц. Ныры дуджы цы хӕстон цаутӕн стӕм ӕвдисӕн, уыдоныл чиныг ныффыссӕг уыдис нӕ иннӕ уазӕг. Аив рӕнхъыты руаджы равдыста йӕ зӕрдӕйы ахаст лӕгӕвзарӕн бонтӕм. Стӕй ма дзы нӕ лӕппутӕй чи ис, уыдонӕн ӕххуыс кӕныныл дӕр дзырдтам. Сӕ фарсмӕ балӕууыдысты сфӕлдыстады кусджытӕ. Куыд ӕгъдауӕй, уый базондзыстут. Программӕйы кӕронбӕттӕны та ӕхсызгонӕй байхъуыстам, аивадон конкурсы чи фӕуӕлахиз, ахӕм лӕппумӕ.
_________________________
Мы рядом в:
irystontv
ok.ru/irystontv
/ irystontv
zen.yandex.ru/irystontv
t.me/irystontv

Пікірлер: 5

  • @rozaplieva6062
    @rozaplieva606221 күн бұрын

    Асланбег стыр бузныг🙏🙏🙏бира бира дын бантысат❤️❤️❤️

  • @rozaplieva6062
    @rozaplieva606221 күн бұрын

    Манма гаскга Залинайыл фау саваран най!Слваик ама Залинама хьусын тынг уарзын Ирыстоны куы ваййын уад❤

  • @rozaplieva6062
    @rozaplieva606221 күн бұрын

    ЗАЛИНА кад ганан ис уадма Цакулоны хьалас ама Александр Лаписы хьалас фехьусын кан!уыдис ахам дикторта….

  • @rozaplieva6062
    @rozaplieva606221 күн бұрын

    Аида ама Алина ис уын хорз данцаг ЗАЛИНА❤❤❤

  • @user-uq7le3wh7b

    @user-uq7le3wh7b

    21 күн бұрын

    Даеуаен даен, цыма, даенцаегаен баеззы)

Келесі