Беслæны фæндараст загътой Украинæйы æфсæддон операцийы рæстæг чи фæмард, уыцы Мысыкаты Черменæн

Ирыстоны хъæбатыр гуырд. Иры дзыллæ хъыг кæнынц Мысыкаты бинонтимæ. 27 аздзыд Мысыкаты Чермен фæмард Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы. Йæ лæгдзинады тыххæй бирæ хатт хорзæхджынгонд уыд майдантæй. Æцаг хъайтарæн абон фæстаг фæндараст загътой.
Адæм чыртæ-чыртæй цæуынц. Цыма сын кæрон дæр, афтæ. Мысыкаты Черменæн фæстаг фæндараст зæгъынмæ æрбацыд бирæ дзыллæ. Уарзон хъæбул æмæ æфсымæр. Йæ цардæй кæй ахицæн, уый хиуæттæм хъаргæ дæр нæ кæны. Нæ сæ уырны. Æвзонг лæппу. Кæстæртæн фæзминаг. Æмгæрæн æнæхин æмæ æцæг хæлар. Ныфс æмæ хъару та хистæртæн. Черменæн йæ цард аскъуыд 27 аздзыдæй. Йæ царды фæндаг нырма æрæджы кæмæн райдыдта, уый бæмынæг ис. Хъæбатырæй фæмард 28-æм февралы.
Мысыкаты Чермен æфсады рæнхъыты æрлæууыд контракт бафысгæйæ. Рад хаста Новочеркасскы æфсæддон хайады. Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæг уыд хъавæг-оператор. Уыд æфсæддон хæдтулгæйы къамандæгæнæджы хæдивæг. Сæ æфсæддон машинæйыл ауад ракетæ. Æфсæддонтæ иууылдæр фæмард сты.
Чермен кад æмæ радимæ хаста йæ службæ. Уыд раззагдæртимæ. Йæ лæгдзинады тыххæй хорзæхджынгонд æрцыд ведомствойы майдантæй. Уымæн стыр аргъ ис, фæлæ, уыдонæй зынаргъдæр та хæдзары йæм цы хиуæттæ æнхъæлмæ кастытсты, уыдоны æгæрон уарзондзинад. Чермен ныр уыдзæн æрмæст сæ зæрдæты. Æнустæм. Ирыстон æмæ æгас бæстæйæн та баззайдзæн хъæбатырæй.
_________________________
Мы рядом в:
irystontv
irystontv
/ irystontv
irystontv
ok.ru/irystontv

Пікірлер: 12

  • @user-pf1pw2ms4q
    @user-pf1pw2ms4q2 жыл бұрын

    🙏🙏🙏

  • @user-ws1iv8wf9o
    @user-ws1iv8wf9o2 жыл бұрын

    Рухсаг у,дзанаты бад

  • @user-dm4vy8te2f
    @user-dm4vy8te2f2 жыл бұрын

    Рухсаег уат Иры хъабултае!

  • @user-gu6nj8vw3o
    @user-gu6nj8vw3o2 жыл бұрын

    Рухсаг уает!

  • @user-ce7yl3zu6k
    @user-ce7yl3zu6k2 жыл бұрын

    Рухсаг кат!

  • @user-kz6tz4rw3h
    @user-kz6tz4rw3h2 жыл бұрын

    Уехал в Украину, переработали, денацифицировали, вернулся упакованный, в мусорном мешке перевязанный гейоргиевской лентой

  • @user-vp3pq2bh8c

    @user-vp3pq2bh8c

    2 жыл бұрын

    😳😳😳😳зачем об этом? Вечная память,герою! 🙏🕯🕯🙏🔥🔥😢😢😢😢😢

  • @mmmmmm-jt7gp
    @mmmmmm-jt7gp2 жыл бұрын

    🙏🙏🙏

Келесі